Нæ хуыздæрарфæтæйиуу «бирæ цæр», зæгъгæ. Æзтазæгъинафтæ: «Рæсугъдцардæйцæр». Уымæн æмæ куыдзонæм, афтæмæйлæджыцардазтыбæрцмæ гæсгæ нæу. Адунемæ адæймаг æрмæстдæриунæгхатт æрцæуы æмæ æнæрынцойæ артаусудзгæ, цырагъаурухсгæнгæ хъуамæ батонайæ цардыбонтæ. Ацыхъуыддаджытасæйрагу куыстуарзондзинад. Æмæ ацыминиуæджыруаджыуарзтойиуылдæр, абонныхаскæуылцæуздæн, уыцыадæймаджы.
Алы мыггаджы ‘хсæн дæр вæййы цытджын æмæ кадджын лæгтæ. Иннæты ‘хсæнæй сæ куырыхон зонд, æгъдау, уагахаст æмæ зæрдæйы парахатдзинадæй чи фæхицæн кæны. Ахæмтæ ныфс канд мыггагæн нæ вæййынц. Кæмфæнды ма уой – сыхбæсты, æхсæнады, уынджы, куысты мидæг, – алы ран дæр свæййынц уарзон адæймæгтæ.
Адæмæн лæггад кæнын цардамондыл чи нымайы, семæ цæрын ахсджиаг кæмæн у, раст уыдонæй уыд Тедеты Резойы фырт Павел дæр.
Зæрдæйæ уарзта алы адæймаджы дæр, сæ цинтæ, сæ хъыгтæй сын хайджын уыд. Искæй рис йæ рис уыд, сæ хъыг дæр сын йæхи хъыгау иста.
Павел Резойы фырт уыд ӕцӕг раздзог, куырыхон ӕмӕ нысанмӕ тырнӕг адӕймаг, фӕстӕдӕр фӕлтӕртӕн, йӕ адӕмӕн иузӕрдион лӕггадӕй фӕзминаг чи сси, ахӕм.
Йæ сæдæ азы кадæн цы бирæ мадзæлттæ ацыд, уыдонæн сæ сæйрагдæр уыд, кæм цард, уым ын 24-æм декабры бюст кæй сæвæрдтой. Уый у, Горӕтгӕрон район ӕмӕ ӕппӕт республикӕйы райрӕзтмӕ цы егъау ӕвӕрӕн бахаста, уый, стӕй йе ‘мзӕххонты зæрдиаг арфӕйы нысан.
Цыртдзæвæн гом кæныны рæстæджы кадджын уазджыты ӕхсӕн уыдысты РЦИ-Аланийы Парламенты сӕрдар Тускъаты Таймураз, вице-спикер Ортабайты Тимур, республикӕйы раздӕры Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, Цӕгат Ирыстоны Хицауады раздӕры сӕрдар Михаил Шаталов, РЦИ-Аланийы культурӕйы сгуыхт кусӕг, поэт, композитор Тедеты Шаликъо ӕмæ бынæттон цæрджытæ.
Тускъаты Таймураз Тедеты Павелы цардвӕндаг схуыдта профессионалон ӕмӕ намысон рӕзты дӕнцӕг. Йӕ раныхасы куыд загъта, афтӕмӕй Тедеейы-фырт уыд йӕ адӕмӕн лӕггад кӕныны ирд цӕвиттон. Уӕлдай тынгдӕр бахахх кодта, Горӕтгӕрон районӕн йӕ разамынды азтӕ экономикон ӕмӕ социалон рӕзты стыр ӕнтыстытимӕ баст кӕй уыдысты, уый.
– Тедеты Резойы фырт Павелы ном сыгъзӕрин дамгъӕтӕй фыст у нӕ агропромышленнон комплексы историйы, – загъта Тускъаты Таймураз. – Ӕртындӕс азы бӕрц республикӕйы хъӕууон хӕдзарады министр уыд. Уыцы азтӕ фӕбӕрӕг сты хъӕууонхӕдзарадон куыстуӕтты бӕрӕггӕнӕнты социалон къабазы ныфсджын рӕзтыл. Мах хъуамӕ кӕддӕриддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм æмæ пайда кæнæм, нæ куырыхон хистӕртӕ царды цы фæзминаг æууæлтæй пайда кодтой, уыдонæй.
«Акрон Тольятти»-йы сӕйраг тренер, Павелы фырты фырт Тедеты Зауырбег зӕрдӕбын арфӕ ракодта уазджытæн, уæлдай дæр та – депутат Ортабайты Тимурӕн, районы разамындӕн ӕмӕ культурӕйы кусджытӕн.
– Мӕнӕн мӕ фыдыфыд уыд стыр адӕймаг, куырыхон лӕг ӕмӕ ахӕмӕй баззайдзӕн мæ зæрдæйы кӕддӕриддӕр, – загъта Зауырбег. – Арӕх—иу дзырдта, паддзахад тыхджын адӕмæй у, адӕм та – разамонджытӕй, зæгъгæ. Йӕ цард иууылдӕр адӕмимӕ баст уыд. Алы хатт дӕр—иу куыстмӕ цыд фистӕгӕй, ныхас кодта цӕрджытимӕ, ӕмӕ—иу йӕ райсомы куыст, уыдонӕй кӕй базыдта, уыцы проблемæтæй райдыдта. Уыцы фарстатӕ боны фӕткмӕ нывӕзта. Ӕдзухдӕр—иу афтӕ дзырдта: «Зауыр, цы куысты уæлхъус лæууай, уыцы ран хъуамӕ кӕддӕриддӕр уай ӕхсӕнадӕн пайда». Ныр мӕ сывӕллӕттӕ дӕр уымӕ тырнынц.
О, цард æмæ рæстæгмæ уазал цæстæнгасæй кæсын нæ хъæуы. Сæ алы фæзылдмæ дæр хъуамæ зæрдæ æмæ зонды фæрцы уа рæстæмбис ахаст. Хорз цард саразыны сæйрагдæр архайджытæй та иу уыд æнæмæнг Тедеты Резойы фырт Павел. Зæрдæхæлар, фæрнджын, цæстуарзон хистæрæн уыд йæхи фæллойадон арфæйаг цардвæндаг. Æмæ йе ‘ввахс адæмы, йæ зонгæты зæрдæты ма бирæ азты дæргъы цæрдзæн йæ куырыхон зонд æмæ йæ рæсугъд æгъдау.
КЪУДУХТЫ Маринæ