Ирон царды алы уавæрæн дæр ис йæхи æгъдау. Иу ран гæнæн цæмæн ис, уый æндæр ран арæх нымад цæуы худинагыл. Алы æгъдауæн дæр ис йæхи бынат æмæ рæстæг. Æгъдау, æфсарм æмæ намыс кæддæриддæр уыдысты ирон адæмы царды фидар уидæгтæ.
Махæн стыр æхсызгондзинад æрхæссы, æхсæнадон бынæтты кæстæрты æхсæн ирон æгъдау куы фенæм, уæд. Фæлæ нæм ис, ирондзинад йæ къæхты бын чи ссæнды æмæ афтæ чи хъуыды кæны, æз æнæ ирон æгъдауæй дæр фæцæрдзынæн, зæгъгæ, ахæмтæ дæр. Уыдон не ‘мбарынц, сæ сомбон талынг æмæ æвæд кæй уыдзæн, уый.
Ирыстоны хорз æвзонг фæлтæр рæзы – зонд æмæ æгъдауыл хæст, хистæрæн, сылгоймагæн кадгæнæг. Цыфæнды стыр хъуыддаг дæр – хорз уа, æвзæр – райдайы чысылæй. Адæймагæн цæмæй йæ фидæн хорз уа, уый тыххæй йæ хъæуы йæ кæстæрты раст фæндагыл бафтауын, бауарзын сын кæнын цард æмæ куыст. Фæлæ алы æвзонг адæймагмæ дæр хъуамæ уа тырнындзинад, йæхæдæг æмбара йæ хистæрты аудындзинад æмæ бирæбæрцæй хъуыды кæна йæ сомбоныл, йæ Райгуырæн бæстæйыл.
Æппæты фыццаг æгъдау цæуы æфсармæй, æгъдауæй та – намыс. Уымæн æмæ æгъдау у царды мидис æмæ йæ куыд арфдæр æнкъарай, куыд рæсугъддæр, мидисджындæрæй йæ æххæст кæнай, афтæ дæ намыс кæндзæн тыхджындæр. Адæймаг æнусты нæ цæры, æнусты цæрынц йæ кад кæнæ йæ худинаг. Æмæ-иу фæрнджын адæймаг худинаджы бæсты кадимæ амæлын хуыздæрæн уымæн равзæрста. Йæ цотæн, йæ фæстагæттæн-иу йæ худинаг нæ ныууагъта, фæлæ йæ кад, йæ намыс.
Адæймаг хъуыдыты арæх ацæуы. Абон нæ удварны миниуджытæ къæхты бынмæ кæм æрхаудтой, аргъ сын кæм нал ис, адæмæн сæ фылдæры материалон пайдаты йеддæмæ кæм ницыуал хъæуы, хистæры ныхас нымады кæм нал у, уыцы уавæрты сомбон цы уыдзæн?
Мæнæн мæ сабибонтæ, ме ʼрыгон бонтæ æрхаудтой æстайæм-нæуæдзæм азтæм. Цас рацыд уæдæй нырмæ, фæлæ цард куыд тынг аивта! Уæды чызджытæй лæппуйы мæгуырæй ничи фаудта, хæдзар æмæ йæм хæдтулгæ ис, уымæй йæ ничи фарста, фæлæ йæм агуырдтой хорз миниуджытæ. Ныртæккæ фæрæзджын чи нæ у, уымæ ныхасмæ дæр не ʼрлæудзысты. Уыимæ чызджыты нæ хъæуынц лæппуйы ныййарджытæ дæр.
Хъуамæ цæрой хицæнæй, мацы цух æййафой æмæ сæ мачи хъыгдара. Мæ зонгæ чызгыл иу лæппу дзуры, йæхи зæрдæмæ дæр цæуы, фæлæ йын ис фæкæсинаг мад. Уымæ гæсгæ чызг йæхимæ марæн кæрдтæ хæссы, нæ йæ фæнды мадимæ цæрын. Лæппу йæхимæ ныхъхъуыста: цы хъуамæ фæкæна йæ мады? Æз ын афтæ зæгъын: кæд дæ йæхæдæг хъæуы, уæд дæ йæ мад цæуылнæ хъæуы? Уæдæ ныййарджытæ цы хъуамæ фæуой? Æмæ, дам, мæ мæ мад уый тыххæй нæ фæхъомыл кодта, уый тыххæй нæ фæахуыр кодтон, æмæ рынчынгæсæй сбадон.
Адæймаг фырдиссагæй йæ цæстытыл ныххæцы. Æгъдауджын чызджы дзыхæй ахæм ныхас куыд хъуамæ схауа. Ацы чызгæн йæхи ныййарджытæ, стæй йæхæдæг дæр сомбон кæсинаг уыдзысты, ууыл нæ хъуыды кæны. Лæппуйæн йæ ныййарæг мады куыд æппарын кæныс. Ныййарджытæ нырма фæкæсинаг куы нæ уой, уæд æрыгæттæн хицæнæй ацæрын дæр цæуылнæ æмбæлы, фæлæ сывæллæттæ хæсджын сты, цæмæй сæ ныййарджытæм сæ зæронды бон фæкæсой. Уæдæ-иу раздæр хæдзары дзаг стыр бинонтæй куыд цардысты? Чындзытæ се ʼппæтæн дæр куы лæггад кодтой, уæд куыд фæрæзтой? Лæппу дæр кæд раст зондыл хæст уа, уæд ахæм чызджы нал æркæндзæн. Ныртæккæ чызджытæ, куыд сæ фæнды, ахæм «зæрдæзæгъгæ» лæппутæ кæй нæ арынц, лæппутæ та – ахæм чызджытæ, уымæ гæсгæ сæ фылдæр æнæ къайæ баззайынц. Йæ амонд чи ссары, уыдонæй дæр бирæтæ хицæн кæнынмæ фæвæййынц. Бинонты ʼхсæн хыл дæр рауайы, фæлæ ныртæккæйы æрыгæттæ хъæрæй ныхасæн дæр нал быхсынц. Афтæмæй нын цавæр фидæн хъуамæ уа? Хистæрты фæстæ кæстæртæ куы нæ гуыра, уæд наци сæфтмæ цæуы.
Æвæдза, кæстæр ма хистæрмæ куы хъуыста, уæд чи загътаид сæ уынаффæйыл дыууæ. Хистæры фарн афтæ тыхджын уыд, æмæ сæ ныхмæ сдзурын стыр худинагыл нымад уыд. Ныр та? Ныр та зæронд кæнынц сæ фылдæр сæ хæдзæртты. Афтæ, дам, нын æнцондæр у цæрын. Æмæ нæ фидæн сæфы. Кæуинаг у нæ демографийы уавæр.
Официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нæ чызджытæн се ʼмбисæй фылдæр 20 азæй 35 азмæ къайады хыгъды нæ лæууынц, афтæ – лæппутæ дæр.
Алы æрыгон лæппу дæр йæхимæ хъуамæ райса нæлгоймаджы, бинонты, фыды миниуджытæ æххæст кæныны хæс, чызг та – æфсармджын æмæ куырыхон мады миниуджытæ. Уыдонæй æххæст чи уа, уыцы æрыгон бинонтæй аразгæ у нацийы рæзты дарддæры хъысмæт. Рæзгæ фæлтæры хъомыл кæнын хъæуы патриотизмы бындурыл, цæмæй æмбарой, сыгъдæгдзæсгом уæвын адæймагæн йе ʼппæты хуыздæр хъæздыгдзинад кæй у. Кæстæр æмæ хистæр фæлтæры ʼхсæн æнгом бастдзинад куы нæ уа, уæд кæстæрты сæхимæ сайынц æвзæр фæндæгтæ. Нæ сæм æвзæрынц удварны рæсугъд миниуджытæ.
Канд æрыгæттæн нæ фæцудыдта сæ ирон фарн, фæлæ мæ сагъæсы æфтауынц нæ хистæртæй дæр бирæтæ. Схæццæ сын сты зиан æмæ цины æгъдæуттæ. Хуссары дæр æмæ Цæгаты дæр арæх вæййын зианы фæдыл æмæ мæстæй зæрдæхæлд фæвæййын. Лæгæй-усæй гомцонг æмæ гомсæрæй кæй вæййынц, уый кой мæм нал ис, фæлæ сылгоймаг, уæлдайдæр – ацæргæ, зианмæ хæлафы куыд хъуамæ бацæуа. Диссагыл дис ничиуал кæны. Зымæг ма йæ уазалы ʼфсон фæкæнынц. Ныр та? Ау, сылгоймаг къабайы аивдæр нæу? Кæй модæ райстам уый? Цæмæн фæцудыдтой не ʼгъдау, нæ удварны рæсугъд миниуджытæ? Хистæртæ ахæм хуызæнæй куы цæуой, уæд ма кæстæртæй цы бадомæн ис?
Мах иннæ адæмтæй уымæй хицæн кæнæм, æмæ нæ традицитæ æндæрхуызон сты. Мах зонæм æмæ нымайæм хæстæджы, хионы, æрвады, сыхаджы… Ис нын нæхи истори, культурæ, æвзаг, уаг æмæ æгъдау. Уыдон куы фесафæм, уæд фесæфдзæн Ирыстон дæр. Ныртæккæ та нын сæйрагдæр у нæ наци скуынæгæй бахизын.
О, рæстæг адæмæй у. Æмæ мах, æмткæй райсгæйæ, кæрæдзийы куы æмбарæм, хорзæн арфæ куы уа, æвзæрæн – уайдзæф, аргъ куы кæнæм нæ историйæн, куы зонæм нæ ивгъуыд, нæ мадæлон æвзаг, ирон адæмон сфæлдыстад, нæ литературæ, не ʼгъдæуттæ æмæ удварны хæзнатæ, иу дзырдæй, нæ зæрдæйы цæстытæй куы уынæм нæ уидæгты рухс, уæд нын уый ахъаз уыдзæн иумæ фидæнмæ цæуынæн. Уæд Ирыстоны уыдзæн фарн.
Ирон адæймагæн йæ алы сныхас, йæ алы акъахдзæф æмæ ми дæр хъуамæ уой фæзминаг, æгъдауимæ баст. Ирон æгъдау адæмы кæрæдзиуыл бæтты. Æнгомдзинад та тых дæр у æмæ ныфс дæр. Æмбисондæн баззади: «Æгъдау кæй нæ баурома, уый æфсæн рæхыс дæр нæ бауромдзæн».