Æртгæнæнтæ – ног мæрдджынты æгъдау, æххæст æй фæкæнынц Ногбоны фæстæ фыццаг сабаты. Райсомæй раджы сыхæгтæй исчи ног мæрдджынты кæрты дуармæ арт скæны. Сыхæгтæй чи куыд рахизы, афтæ арты цурмæ бацæуынц. Артмæ сугтæ дæр бахæссынц, уый мардæн удыбæстæ уыдзæн, зæгъгæ. Хистæр, арты цур чи вæййы, уыдонæн раарфæ кæны, Хуыцау уый саккаг кæнæд, æмæ абонæй фæстæмæ ацы кæрты дуармæ бирæ азты ахæм арт куыд нæуал фенæм, зæгъгæ, зиан рухсаг уæд, йæ зынджы хай макæд ахуыссæд. Аходæны афон куы свæййы, уæд мæрдджынтæ, цы хæрд æмæ нозт сцæттæ кодтой, уыдон рахæссынц, хистæр сæ ныххæлар кæны, æмæ дзы саходынц. Æртгæнæнты æгъдау амоны, кæй ралæууыд тъæнджы мæй, уыдзæни уазал рæстæг æмæ, хæдзарæй цы бинойнаг фæхъуыд, уымæн йæ арты хай, йæ алыварс чи ис, уыдоны куыд тавы, уыдоны куыд хъарм кæны, уый дæр цæмæй афтæ тава, афтæ хъарм кæна.