Поэт, прозаик, драматург, литературæиртасæг, публицист æмæ тæлмацгæнæг Дзанайты Иваны райгуырдыл сæххæст 128 азы
«Нигеры поэзи у вазыгджын аивадон фæзынд. Йæ лирикæйы хуыздæр уацмыстæ фыст сты поэзийы тæккæ бæрзонддæр æмвæзадыл. Йе ʼмдзæвгæтæ хицæн кæнынц арф хъуыды æмæ психологизмæй, дзаг сты нывæфтыд аивадæй, зынджы стъæлфæнтæй æмæ удцырынгæнæг рæнхъытæй».
Джыккайты Шамил
Дзанайты Иван (йæ фæсномыг –Нигер) райгуырд 1896 азы 2 ноябры Нары зылды. Йæ сабибонтæ арвыста хæхбæсты. Хæххон æвадат царды нывтæ: æрдзы романтикон карз хуыз, йæ зæйтæ æмæ сахатæ, дурджын хуымтæ æмæ бæрзонд хизæн фæзтæ, нарæг фыдвæндæгтæ, хæххон ныхас йæ цин æмæ йæ сагъæстимæ – арф бынат æрцахстой йæ сабийы зæрдæйы æмæ дзы нал рахызтысты, суанг йæ лæджы кармæ куы бацыд, зынгæ поэт куы ссис, уыцы бонтæм дæр.
Иван уыди зæрдæргъæвд саби æмæ тырныдта ахуырмæ. 1908 азы каст фæци Нары райдайæн скъола, уый фæстæ та – Дзæуджыхъæуы дины скъола. 1913 азæй 1917 азмæ ахуыр кодта Æрыдоны семинары. Уый уыди ахсджиаг рæстæг йæ зондахасты рæзтæн. Семинары цы æвзыгъд æмæ зæрдæргъæвд фæсивæд ахуыр кодта, уыдон уадзын райдыдтой къухфыст журнал «Фидиуæг», йæ аразджытæй иу уыдис Иван, йæ фæсномыг – «Сау лæппу». Ацы журналы фæзындысты поэты иннæ фæсномыгтæ «Ололи» æмæ «Нигер» дæр.
Æрыгон поэт тынг сагъæс кодта ирон адæмы хъысмæтыл, нæ культурæйы рæзтыл, тырныдта цард æмбарынмæ, йæ фæзындтæн аргъ кæнынмæ. Йæ зæрдæмæ арф иста Къостайы зарджытæ, цымыдисæй каст уырыссаг æмæ европæйаг литературæ. Фæлæ агуырдта йæхи фæндаг, йæхи поэтикон хъæлæс. Æмдзæвгæ «Æхсызгон зарджыты тыххæй» у поэты сфæлдыстадон манифест. Нигер фыссы, зæгъгæ, цард уæззау кæм у, адæм тыхст кæм сты, уым поэт хъæлдзæг зарджытæ нæ кæндзæн.
Æрыдоны семинары фæстæ Дзанайты Иван ахуыр кæнынмæ бацыд Саратовы университетмæ. Ам ахуыр кодта æвзæгтæ, зындгонд филологты фæрцы (В.М. Жирмунский, М.Ф. Фасмер) арфдæр базыдта литературæ, архайдта сфæлдыстадон æмæ зонадон къордты. Каникулты фæстæ йын Саратовмæ аздæхыны фадат нал фæци – мидхæст бацыд йæ тæмæны. Поэт йæ бæстæ федта зындоны уавæры, æфхæрæг тыхты бын. Уыцы уавæртæ нывæфтыд æрцыдысты къорд уацмысты. 1920 азы Цæгат Ирыстоны æрфидар советон хицауад. Уыцы азты лæуд уыди æхсæнадон хъуыддæгты, архайдта адæмон ахуырады оргæнты куысты.
1927 азы Нигерæн фадат фæци Хæххон педагогон институты ирон æвзаг æмæ литературæйы хайадмæ бацæуынæн. Институт каст куы фæци, уæд æй айстой аспирантурæмæ, уый фæстæ куыста педагогон институты. Дзанайы-фырт уыди дæсны ахуыргæнæг, хорз зыдта дунейы литературæ. Уыцы иу рæстæджы куыста Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæн институты литературон хайады сæргълæууæгæй дæр. Ахуыргонд разамынд лæвæрдта аспирантты ахуыртæн, йæ кусджытимæ æмбырд кодта адæмон сфæлдыстад, арæзта ахуыргæнæн чингуытæ.
Нигер сфæлдыстадон куыст кæнын райдыдта 1914 азы. Уыцы рæстæджы Ирыстоны стыхджын сты капиталистон ахастдзинæдтæ, хъæуты цæрджытæ цæхгæр фæдихтæ сты мæгуыртæ æмæ хъæздгуытыл, се ʼхсæн тыхджын кодта кълассон тох. Октябры революцийы агъоммæ æмдзæвгæты Нигер æвдыста хæххон царды нывтæ, мæгуыр адæмы æвадат уавæртæ, сæ фæндтæ æмæ сæ бæллицтæ. Фæндыд æй, сæ цард куы фæхуыздæр уыдаид, истæмæй сын æххуыс куы уыдаид. 1917 азмæ дæр бынтон нæма сбæрæг йæ тохы нысан, йæ фидæны фæндæгтæ йæ цæстытыл нæма уадысты, йæ зæрдæйы-иу фæзынди дызæрдыгдзинæдтæ. Фæлæ революцийы уылæнтæ куыд тыхджындæр кодтой, афтæ Нигеры сфæлдыстады дæр тыхджындæр кодтой сæрибары мотивтæ. Февралы революцийы рæстæджы йæ иу æмдзæвгæйы, «Размæ!», зæгъгæ, поэт сиды мæгуыр хæххон адæммæ. Цингæнгæйæ сæмбæлдис 1917 азы революцийыл.
Нигер фыста лирикон æмдзæвгæтæ æмæ эпикон поэмæтæ. Уыцы жанртæ ирон поэзийы йæ агъоммæ дæр уыдысты, фæлæ сæ уый бæрæг фæхъæздыгдæр кодта, бахаста сæм ног идейон мидис, ног поэтикон формæтæ. «Хидыл», «Нæ тæрсын æз!», «Фæстаг хъæбыс», «У фадат аразæг» æмæ æндæр ахæм ӕмдзӕвгӕтӕ ирон лирикæйы ног сты сæ арф философон хъуыдымæ гæсгæ æмæ, поэт йæ хъуыдытæ раст равдисынæн цы ног формæтæ ссардта, уымæ гæсгæ дæр. Нигер ирон поэзимæ бахаста ног фæлгонцтæ, ног хъуыдытæ, ног темæтæ æмæ поэтикон ног формæтæ. Уыдон дзурæг сты, йæ поэзи ирон литературæйы историйы стыр бынат кæй ахсы, ууыл.
Ралæууыдысты 1937–1938 азтæ. Фыдгæнджытæ, козбаутæ, фæлитойтæ курдиатджын поэтыл фыстой хахуыртæ, кодтой йыл даутæ, хуыдтой йæ советон æхсæнады знаг. Ахæм уавæрты рыст йæ зæрдæ, саст йæ хъару.
Фæлæ уыцы уавæрты дæр поэт йæ зæрдæ дардта фидæныл, фæндыд æй адæмæн лæггад кæнын, æмæ куыста. Бирæ тыхтæ радта 1939 азы Къостайы уацмысты фыццаг академион рауагъд цæттæ кæнынæн. Уыд Нарты комитеты уæнг æмæ ахъаззаг куыст бакодта эпосы иугонд текст аразыныл, ныффыста цалдæр мидисджын уацы эпосы бындурон фарстаты фæдыл, тæлмац кодта æндæр адæмты фысджыты уацмыстæ ирон æвзагмæ. Фæлæ фыдцард æмæ уæззау куыстæй, мæстытæ æмæ сфæлдыстадон сагъæстæй тадысты йæ тыхтæ, æмæ иры номдзыд фырт цардæй ахицæн 1947 азы.
Нигеры курдиат æмхиц уыд эпикон сфæлдыстадмæ дæр. Поэмæйы жанры ныффыста уацмыстæ «Уæхатæджы фырт чысыл Гуыйман», «Мулдар», «Бадилон симд», «Гыцци».
Поэт, прозаик, драматург, литературæиртасæг, публицист æмæ тæлмацгæнæг, уый йæ царды фæстаг бонтæм архайдта, нæ литературæйы, культурæйы, историйы райхалинаг фарстытыл. Стыр бавæрæн бахаста Нарты эпосы ранывæст, редакци æмæ рауадзыны хъуыддагмæ. Нигер уыд курдиатджын тæлмацгæнæг, ратæлмац кодта дунеон классикты хуыздæр уацмыстæ ирон æвзагмæ: Марциал, Хайям, Гейне, Крылов, Пушкин, Грибоедов, Лермонтов, Тютчев, Фет, Горький, Гафурийы. Йæ литературон архайд адарддæр кодта, куыд Къостайы фæдон, афтæ.
Нигер дзырдта, зæгъгæ, цыфæнды уавæры дæр хъуыдыгæнæг æмæ аразæг адæймаг кæны уæлахиз. Поэт-гуманист æвдисы адæймаджы стырдзинад, йæ уды рухс, йæ зонды тых – уыдон раргом вæййынц тохы. Адæймаджы рæсугъддæр идеал у сæрибар, йæ нысан – адæм æмæ фидæны фарныл кусын. Дзанайты Иванæн йæ бон уыд зæгъын:
Адæм, дæ фырт дæн, дæ хъæбул дæн æз,
Адæм, дæ туг æмæ де стæг дæн æз.
Нæ фысджытæй Нигеры тыххæй зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ чи загъта, уыдонимæ уыд Тыбылты Алыксандр дæр: «Курдиатджын æмæ культурон фыссæг Нигеры поэтикон уацмыстæ æххæст вæййынц эмоцион удæй, йæ хъуыдытæ, йе ʼнкъарæнтæ ахæм джиппы ауадзы, æмæ зæрдæйы къултæ ныццæвынц, адæймаджы уæнгты ахъарынц».
Дзанайты Иван уыд курдиатджын поэт, ахуыргонд, хъуыдыгæнæг, ахуыргæнæг æмæ рухстауæг. Йæ поэзи нæ хоны размæ, рухс нысанмæ, рæстдзинады дунемæ.
Дзанайты Иваны ном хæссы Дзæуджыхъæуы сæйрагдæр уынгтæй иу.
Æрмæг бацæттæ кодта КЪУДУХТЫ Маринæ