Нæ зынаргъ газеткæсджытæ, дарддæр уæ зонгæ кæнæм мæйты нысаниуæгимæ.
Цыппурс бæттынц Йесо Чырыстийы райгуырды бонимæ. Ног нымадæй вæййы 25 декабры, зæронд нымадмæ гæсгæ та – 7 январы.
Цыппурсы мæй ма ирон адæм хонынц дыууæ Нафы мæй. Наф у хæдзарвæндаджы бардуаг. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, ирон адæм Цыппурс бæрæг кодтой Чырыстийы райгуырды размæ дæр. Баст уыд скифаг бæрæгбонимæ.
Йæ куыстытæй иуы Цыбырты Людвиг фысы: «Дзырд „цыппурс“ равзæрд ирайнаг «патвараат“-æй. Амоны цыппор. Уый та уымæн, æмæ Цыппурсы агъоммæ цыппор боны уыдис мархо. Цыппор боны фæстæ-иу сæ ком суагътой».
Нæ фыдæлтæм афæдзы дæргъы комдарæнтæ уыд æртæ хатты: Куадзæны, Майрæмы Куадзæны æмæ Цыппурсы размæ.
КЪУДУХТЫ Маринæ