ОБЩЕСТВО

Дунейы куырыхондæр лæгтæй иу

Абоны æрмæг у зындгонд курыхон лæг Анахарсисы тыххæй. Цард нæ дуджы агъоммæ V æнусы. Анахарсис æрымысыд якорь æмæ æлыгкуыстгæнæг цалх.

 

Анахарсисы фыд Гнур, йæ фыды фыд Лик æмæ уый фыд Спаргалиф уыдысты скифаг паддзахтæ. Грецимæ, Афинтæм æрыгонæй æрцæугæйæ, Анахарсисы бафæндыд номдзыд философ, Рагон Грецийы авд куырыхонæй иу, политик, закъæттыл кусæг, поэт Солонимæ сæмбæлын.

 

Уыцы фембæлды тыххæй «историйы фыд» Геродот афтæ зæгъы: «Æрцыдис Солоны хæдзармæ æмæ цагъартæй сæ иуæн бамбарын кодта, цæмæй хæдзары хицауæн зæгъа: Анахарсис æм æрцыд, цæмæй йæ фена æмæ, кæд гæнæн ис, уæд суа йæ уазæг æмæ хæлар. Солон уый куы фехъуыста, уæд цагъары рарвыста ахæм ныхæстимæ: хæлæртты хуыздæрæн бацагурынц райгуырæн бæстæйы. Фæлæ Анахарсис нæ фæтыхст æмæ загъта, зæгъгæ, Солон растдæр ис йæ райгуырæн бæстæйы, æмæ уæдæ цæуылнæ хъуамæ ссара йæхицæн хæлар? Йæ дзырдарæхстдзинадыл бадис кодта Солон, бауагъта йæ хæдзармæ æмæ ссис йæ хуыздæр хæлар. Солон уарзта йæ закъæттæй æппæлын, æмæ йын уæд иуахæмы Анахарсис зæгъы: «Мæнмæ гæсгæ, алы закъон дæр у хæлуарæджы тыны хуызæн: лæмæгъ чи у, уый дзы стыхсдзæнис, тыхджын та йæ аскъуындзæн».

 

Зындгонд сты Анахарсисы куыстытæ «Медокмæ», «Аннонмæ» (философтæ), «Афинæгтæм», «Паддзахы фыртмæ», «Крезмæ» (Лидийы паддзах), скифæгты сгуыхтдзинæдтыл фыст 800 æмдзæвгæйы. Йæ философон идейæтыл æнцой кодтой æмæ сæ дарддæр кодтой бердзенаг стоиктæ æмæ киниктæ. Сæ философон ахуырады бындур дæр уыдысты Анахарсисы философон куыстытæ. Бердзенæгтæ сæрыстыр уыдысты сæ равзæрдæй, сæ уавæрæй æмæ-иу æнæввæрсонæй кастысты æндæр адæмтæм. Уый фæдыл йæ «Афинæгтæм»-ы Анахарсис сæ ныхмæ рацыд æмæ загъта, зæгъгæ, адæмы сæ равзæрдмæ æмæ се ‘взагмæ гæсгæ чи дæлдзиныг кæны, уыцы бердзенæгтæ сæхæдæг фидиссаг кæнынц сæ бæстæ.

 

Анахарсис стыр аргъ кодта йæ фыдæлтæ æмæ йæ райгуырæн зæхх Скифийæн. Фидар хæст уыдысты скифæгтæ се ‘гъдæуттыл, æмæ кæд Грецимæ æввахс цардысты, уæддæр сын йе ‘гъдæуттæ уыдысты æцæгæлон.  Анахарсис йæ фыдæлты зæхмæ куы æрбаздæхт, уæд æй бафæндыд грекъаг æгъдæуттæй йæ адæмы царды ныббиноныг кæнын. Фæлæ йын нæ бантыст. Уый нæ, фæлæ ма ссис йæ фæнды амæттаг – йе ‘фсымæры къухæй мард æрцыд. Уый фæдыл Геродот зæгъы: «Скифæгтæ се ‘гъдæуттыл хæцынц фидар. Сæ фарсмæ денджызы былыл сты бердзенаг горæттæ Ольвия, Херсонес, Танаис, фæлæ бердзенаг æгъдæуттæ райсын скифты нæ фæнды. Уыдис æрмæстдæр иу скифаг паддзах, бердзенаг цард йæ зæрдæмæ кæмæн фæцыд. Хуыдтой йæ Анахарсис. Уый уыдис Грецийы, ныхас кодта куырыхонтимæ, йæ зондджын хъуыдытæй дисы æппæрста Солоны дæр ма. Скифимæ æрыздæхгæйæ, дарддæр куывта бердзенаг æгъдаумæ гæсгæ. Уый куы фæфиппайдтой скифтæ, уæд æй амардтой». Анахарсисæн йæ хъуыдытæ цыбыр æмæ мидисджын уыдысты, уымæ гæсгæ скифаг æмбисæндтæ систы тынг хъуыстгонд антикон Грецийы. Йæ хъуыдытæй йын сæ куыстыты пайда кодтой бердзенаг куырыхонтæ. Киниктæ æмæ стоикты философон ахуырады бындур уыдысты Анахарсисы философон куыстытæ.

 

АНАХАРСИСЫ КУЫРЫХОН НЫХÆСТÆЙ

 

Бирæ куырыхон хъуыдытæ баззад Анахарсисæй. Уый дзырдта, зæгъгæ, диссаг у, Элладæйы ерыс кæнынц фæлтæрд адæм, тæрхон та сын кæнынц æвæлтæрд адæймæгтæ. Фарст «Кæцы наутæ æдасдæр сты?»-йæн дзуапп радта: «Донбылмæ кæй раластой, уыдон». Адæймаджы уыцы иу рæстæджы хорз дæр æмæ æвзæр дæр цы ис, зæгъгæ, ахæм фарстæн дзуапп радта: «Æвзаг».

 

Бирæ мæнг хæлæрттæй хуыздæрыл нымадта иу æцæг хæлар. Базар та нымадта, адæм кæрæдзийы кæм сайынц, ахæм бынатыл. Ис ын ахæм зондамындтытæ: амондыл ма æууæнд; хæдзары къонайæн аргъ кæн; уром де ‘взаг; хистæрæн дæ карæй кад кæн; кæстæрæн дæ карæй зонд амон; рæстдзинады сæрыл дæлдзины дæр быхс æмæ бирæ æндæртæ.

 

Анахарсис, скифтæ æмæ грекъæгты кæрæдзиимæ баргæйæ, дзырдта: «Скифтæ грекъæгтæй цæрынц хуыздæр, уымæн æмæ скифтæн алцыдæр у иумæйаг, кæмæн цы ис, уый фагыл нымайы, ничи никæмæ хæлæг кæны. Сымахæн та, грекъæгтæ, æгæрыстæмæй уæ хуыцæуттæ дæр дуне кæрæдзийыл дих кæнынæй райдыдтой: иуæн – арв, иннæмæн – денджыз, æртыккагæн – дæлдзæхы паддзахад. Фæлæ уыдон дæр зæхх нæ ныддихтæ кодтой: сымах æй уæхæдæг ныддихтæ кодтат æмæ уый тыххæй тох кæнут æнусты дæргъы». Грекъæгтæ худтысты скифтыл, сымахæн, дам, хæдзæрттæ дæр нæй, æрмæстдæр цатыртæ; афтæмæй куыд ис гæнæн хæдзары фæткыл дзурæн, уæлдайдæр та – паддзахады! Анахарсис сын дзуапп радта: «Æмæ хæдзар æрмæстдæр къултæ сты? Хæдзары цæрынц адæм; æмæ хуыздæр кæм цæрынц, уый тыххæй нæ бон у быцæу кæнын дæр». Грекъæгты царды Анахарсис æппæтæй тынгдæр йæ хъус дардта денджызты цæуын æмæ æгæр нозтдзуан кæныны тасдзинадмæ. Цæмæй адæймаг нозтуарзаг ма суа, уый тыххæй цы хъæуы, зæгъгæ, Анахарсисы куы бафарстой, уæд дзуапп радта: «Дæ цæстытыл æдзух уайын кæн расыг лæджы йе ‘нæгъдау  митимæ, арæхдæр кæс расыг адæммæ».

 

Бацæттæ кодта

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБРАЗОВАНИЕ 12.10.2024 в 14:25

Коста детям

В эти дни Северная Осетия отмечает 165-летие основоположника осетинского литературного языка, великого поэта, публициста, художника, общественного деятеля и просто народного любимца на все времена – Коста Хетагурова.

ОБЩЕСТВО 6.02.2024 в 08:47

БАРÆГ БÆХÆЙ ФИДАУЫ, БÆХ ТА – БАРÆГÆЙ

Номдзыд ирон цирчы артисткæ, барæг, коллектив «Ирыстон»-ы разамонджытæй иу, Цæгат Ирыстон æмæ ССРЦ адæмон артисткæ Тугъанты Дзерассæйы райгуырдыл сæххæст 95 азы

ОБЩЕСТВО 13.07.2023 в 08:51

КÆХЦГÆНÆН

Хетæджы бонæй къуыри фæстæдæр хуыцаубоны ралæууынц Кæхц­гæнæнтæ. Алы ноггуырд лæппуйæн дæр скæнынц кæхц. Раздæрты æрмæстдæр фыццаг лæппуйæн кодтой, фæлæ куыдфӕстагмӕ кæхц кæнын райдыдтой алы ноггуырд лæппуйæн дæр. Ноггуырд лæппуйы фæзынд ирон хæдзары стыр хъуыддаг уыди, уымæн æмæ хæххон фыдуавæрты сæйраг уæз нæлгоймагыл хауд, уый уыди бинонтæн сæ ныфс, сæ дарæг.

ОБЩЕСТВО 5.08.2024 в 19:58

О достигнутых успехах и намеченных планах в системе образования

Министр образования и науки Элла Алибекова провела пресс-конференцию, в ходе которой рассказала, что удалось сделать в прошлом учебном году и какие задачи сегодня стоят перед ведомством

ОБЩЕСТВО 15.04.2025 в 16:16

«НЫГГУЫПП КОДТА НÆ ХУССÆРТТЫ ЦЪÆХ НÆУУ»

Джусойты Мараты сфæлдыстадыл афæлгæст

ОБЩЕСТВО 20.10.2023 в 19:56

Вячеслав Гобозов: «Эпоха геополитических сдвигов несет большие угрозы маленьким государствам, но она является и временем больших возможностей»

Вячеслав Гобозов, известный политолог, государственный советник Президента РЮО, дал развернутый комментарий газете «Республика» в связи с недавними событиями на Южном Кавказе и нынешним вооруженным конфликтом на Ближнем Востоке.

Все новости из категории: