Адæймагæн зæххыл рæсугъдæй цæрынмæ ис дыууæ стыр ныфсы: Фыдыбæстæ æмæ сæрибардзинад. Ирон лæгæн райгуырæн зæхх хъахъхъæнын кæддæриддæр уыдис йæ кадджындæр æмæ ахсджиагдæр хæстæй иу. Йæ бæстæимæ иузæрдиондзинад чи æвдисы, сæрибардзинады тыххæй хъæбатырæй чи тох кæны, уыдон сты Хуыцауæй арфæгонд.
Уæрæсейы адæмтимæ бирæ бæрæгбæттæ нысан кæнæм, фæлæ дзы кадджындæртæй иу у Фыдыбæстæйы Хъæбатырты бон. Бæрæг æй кæнæм 9-æм декабры, уымæн æмæ 1769 азы ацы бон Екатеринæ II снысан кодта сыгъдæг Георги Уæлахизхæссæджы орден. Схорзæхджын дзы кæнынц, йæхи хъæбатыр æмæ æхсарджынæй чи равдисы, ахæм æфсæддонты. Ацы ордены цыппар къæпхæны кавалертæ ссисты цыппар адæймаджы. Уыдоны ‘хсæн легендарон Михаил Кутузов дæр. Сыгъдæг Георги Уæлахизхæссæджы орден нымад у æппæтæй уæлдæр æфсæддон хæрзиуæгыл.
Куыд зонæм, афтæмæй Уæрæсе бирæ хæстыты архайдта. Нæ бæстæйы хæстонтæ сæ инернационалон хæс æххæст кодтой, æндæр бæстæтæ хъахъхъæнгæйæ дæр. Фæлæ уæддæр историйы Дыккаг дунеон хæст нымад у æппæты карздæр æмæ тугкалæныл. Ныфсхаст æмæ лæгдзинады тыххæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Советон Цæдисы Хъæбатыры ном лæвæрд æрцыд иуæндæс мин адæймагæн. Се ‘хсæн сты не ‘мзæххонтæ дæр – 81 æхсарджын хæстоны, дыууадæсæй та дзы ссисты Кады ордены æххæст кавалертæ.
Фыдыбæстæйы Хъæбатырты бон у, хъайтардзинад æмæ æхсардзинад чи равдыста, кæддæриддæр йæ бæстæйыл æнувыд чи уыд, сæрыстырæй æцæг хæстоны сæйраг æууæлтæ чи хаста, уыдоны бæрæгбон. Иу кæны, Фыдыбæстæйы Стыр хæст, Афганистаны хæст стыр фæд сæ зæрдæты кæмæн ныууагъта æмæ ныр æртыккаг аз Украинæйы цы сæрмагонд æфсæддон операци цæуы, уым Ирыстоны фæсивæдæй йæхи æхсарджынæй чи æвдисы, уыдоны. Бахъуыд та сæ хъæбатырдзинад равдисын, цæмæй нæ Фыдыбæстæ уа сæрибар. Ацы цаутæ ма нын иу хатт равдыстой, Ирыстон фидар кæй у æмæ дзы хъæбатыртæ бирæ кæй ис.
Хъæбатыры ном, дам, æнустæм цæры. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уый раст у. Иунæг адæмыхатт дæр нæ рох кæны йæ хъайтарты. Æмæ сæ куыд ис ферохгæнæн?! Уыдон сæ уарзон райгуырæн бæстæйы сæраппонд, куы бахъуыд, уæд нæ бавгъау кодтой сæ цард.
Абон Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджыты рæнхъыты æрбалæууыдысты нæ республикæйы бирæ æвзонг фæсивæд, кæцытæ æвдисынц стыр сæрæндзинад æмæ æгæрон патриотизм. Уымæн æмæ Фыдыбæстæ знагæй бахъахъхъæнын у алкæйы æмбæстагон хæс, æмæ алы æвзонг хъахъхъæнæг дæр хъуамæ æххæст кæна уыцы ахсджиаг æмæ патриотон хæс, цæмæй цæсгомджынæй хæсса хъæбатыры ном.
Абон ацы бæрæгбон йæхицæн сæйрагыл чи нымайы, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр нæ зæрдæ зæгъы сабырдзинад, фидар æнæниздзинад, амонд æмæ æнтыстытæ!
КЪУДУХТЫ Маринæ