32 азы рацыд, Горӕтгӕрон районы мӕхъӕлон-ирон быцӕу куы ‘рцыд, уыцы цаутӕй. Уыцы тугуарæн бонты Ирыстоны ӕхсарджын фырттæй бирӕтæ сæ удтæ нывондæн æрхастой Иры сæрвæлтау æмæ бахъахъхъæдтой нæ фыдæлты зæхх. Абон дӕр рох не сты хъайтарты нӕмттӕ. Бирӕтӕ дзы ныр дӕр нымад сты ӕбӕрӕгӕй сӕфтыл. Октябрыхъæуы æмæ Дзæуджыхъæуы Намысы аллейӕйы нæ æдзард хъæбатырты ӕфсымӕрон ингæнтыл дидинджытæ сæвæрдтой Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав, Дзӕуджыхъӕуы Минӕвӕртты ӕмбырды депутаттӕ, æхсæнадон организацитæ, æдзард лæппуты хиуæттæ æмæ хæстæджытæ, се ‘мтохгæнджытæ, хуымæтæг адæм.
1992 азы фæззӕджы трагикон цаутæ систы Ирыстоны нырыккон историйы æнæферохгӕнгӕ. Фӕлӕ цасфæнды рӕстæг ма рацæуа уыцы фыдохы бонтæй, уæддæр фæмардуæвæг хъайтарты нæмттæ æнустæм цæрдзысты нæ зæрдæты.
Уæвгæ, цас разагъды фæсивæд фæхъуыдис цæрынхъуагæй уыцы бонты. Райгуырӕн бæстæйыл æнувыд уæвгæйæ, йæ сӕрвӕлтау сӕ туг ныккалдтой. Уый у сӕ ирондзинад, лæгдзинад ӕмӕ бæрзонд намысыл дзурæг. Ирыстоны зынгхуыст хъӕбултæ, уæ рухс ном уæлæуыл баззад. Куыд æгъатыр, тугмондаг разынд, сымахыл йæ къух чи систа, а дунейӕ уæ чи фæхицæн кодта… Уæ иуæй иннæ æрыгондæр, иуæй иннæ хӕрзконддæр…
Фæлæ куыдфæнды куы уа хъысмæт, уæддæр бонтæ цæуынц æмæ семæ фарн хæссынц. Уый фӕрцы нæ алчидæр цӕры йæ райсомы ныфсæй.
Хуыцау зӕгъӕд, æмæ ахæм тугкалæн цаутæ нæ дидинӕгкалӕг зӕххыл куыд никуыуал æрцæуой!
КЪУДУХТЫ Маринæ