Фыссæг, РЦИ-Аланийы адæмон поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, ирон литературæ иртасæг, профессор æмæ æхсæнадон архайæг Джыккайты Шамилы райгуырдыл сæххæст 86 азы.
Поэт цыд æмæ хаста фарны цырагъ, нæ йæ урæдтой зындзинæдтæ, цæлхдуртæ. Уый уыд нæ цæугæ мæсыг, ныхасы – уынаффæгæнæг, аивады – зарæгамонæг. æппæт ацы миниуджыты фæрцы Шамилæн æнтыст йæ рæстæг æмæ адæмы цард парахатæй æвдисын.
Джыккайты Шамил у 150 наукон куысты автор фольклор æмæ литературæйæ, уыимæ – «Осетинская литература, краткий очерк», «Ирон литературæйы истори»-йы æртæ томы, æртæ монографийы. Республикæйы скъолатæн бацæттæ кодта программæтæ ирон литературæ æмæ фольклорæй, сарæзта 8-æм къласы ирон хрестоматийы чиныг. Ныффыста æхсæз поэтикон чиныджы æмæ æртæ драмон уацмысы. Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Шекспиры «Король Лир», Софоклы «Царь Эдип», Эдмон Ростаны «Сирано де Бержерак», Роберт Бернс, Шиллер, Лермонтовы æмдзæвгæтæ.
Джыккайты Шамил райгуырдис 1940 азы 25 февралы Хуссар Ирыстоны Дзомагъы хъæуы. 1952 азы йæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ ʼрцардысты Камбилеевкæйы хъæуы. Шамил каст фæци бынæттон астæуккаг скъола, стæй Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультет æмæ ЦИНИИ-йы аспирантурæ. Куыста телеуынынады. Фæстæдæр та уыдис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты декан.
Уый канд литературæ æмæ фольклоры дæсны нæ уыд, фæлæ ма нæ хуыздæр ирон историк æмæ этнограф дæр. Иттæг хорз зыдта нæ адæмы ивгъуыд цард, сæ уаг, се ʼгъдæуттæ… Йæ алы тугдадзин дæр æмцавд кодта нæ адæмы зæрдæйы тæлфтимæ, æгæрон уарзтæй уарзта йæ бæстæ, йæ райгуырæн зæхх, йæ райгуырæн хæхтæ, йæ адæмы, дунейы дзыллæты…
Джыккайты Шамилы цард аскъуыд фыдгæнæджы къухæй 2011 азы 26 майы. Æмæ кæд абон не ʼхсæн нал ис, уæддæр нæ йæ поэзи хоны размæ, рухс нысанмæ, рæстдзинады дунемæ, ахуырады бæрзæндтæм, адæмы идеалтæм. Шамил цæрæнбонты цæрдзæн нæ зæрдæты, æмæ йæхи ирон чи хоны, уый хъуамæ æнæмæнг зона йæ сфæлдыстад, уымæн æмæ йæ уацмысты ирдæй зынынц нæ истори, нæ фыдæлты цард, не ’гъдæуттæ, нæ фарн æмæ æгъдау, нæ намысджын тох.