Зындгонд, адæмæн уарзон режиссер æмæ актер, Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Дзбойты Батырбеджы райгуырдыл сæххæст 90 азы
Ирон национ кинематографийы истори æрбиноныг ХХ æнусы фыццаг æмбисы. Номдзыд кинорежиссер Б.А. Михин Мæскуыйы киностудийы 1926 азы хуызджын экраныл уд бауагъта ирон сюжетыл амад киноныв «Абрек Заур»-ы. Аив ахорæнтæй нæртон фæлгонц национ кинематографийы фыццаг хатт скодта курдиатджын киноартист Бестауты Владимир. Киноаивады уымæй стырдæр æнтыст та бафтыд Гуырдзыстоны аивæдты сгуыхт архайæг, ССР Цæдисы Кинематографистты цæдисы уæнг, кинорежиссер Уалыты Ладемыры къухы. Фæлæ ма æхсайæм азты йæ хъысмæт ирон киноаивады фыццаг къахдзæфтимæ чи сбаста, уыдонæй иу уыд зæрдæргъæвд æрыгон актер æмæ райдайгæ режиссер Дзбойты Батырбег. Йæ хæлæрттæ æмæ йæ йе ‘мкусджытæ фырбуцæн хуыдтой Бабле.
Кинорежиссер, актер, Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Дзбойты Батырбег Мæскуыйы каст фæцис Щукины номыл театралон училище. Йе сфæлдыстадон фæндаг райдыдта Ирон театрæй. Иухуызон хорз арæхсти театры æмæ кинойы архайынмæ. Уыд телеуынынады актуалон æмæ мидисджын равдыстыты автор. Баблейы ном чи фехъусы, уый æнæ мидбылбахудгæ нæ фæвæййы, уымæн æмæ йæ куысты дæр æмæ царды дæр адæмæн хаста æрмæст циндзинад.
Цыдысты азтæ… Дæсгай аивадон кинонывтæ, киноконцерттæ, аив сатирикон киножурналтæ æмæ документалон кинонывтæм бахæццæ курдиатджын режиссеры æрмдзæф. Агуырдта кинематографийы ног фæзилæнтæ. Хуызджын кинонывтæ исынмæ цы дзæбæх къорд æрбамбырд, уым уæлдай бæрæг дардта куыд æгъдауæй, афтæ дæсныйадæй дæр.
«Йемæ кусын – удæнцой, – фыста Батырбеджы тыххæй Æгъуызарты Саукуыдз. – Цыдæр æбæрæг хъару æмбæхст ис йæ риуы æмæ йын никуы фæуыдзæн. Йæ хæлар цæстæнгасæй æрыгæттыл базыртæ базайы, йæ фæлмæн ныхасмæ йын хъусынц. Парахат зæрдæ йын ис, адæмы уарзын йе стырдæр хæсыл нымайы. Иу хатт йемæ куы фембæлай, йæ фæлмæн ныхас ын куы фехъусай, уæд æй уый фæстæ никуыуал ферох кæндзынæ. Баблейы уарзондæр артисттæ сты Сланты Къоста, Саламты Къола æмæ Годжыцаты Исахъ, стыр курдиаты хицау кæй сты, уый тыххæй…»
Бирæ хъæлдзæг, зæрдæмæдзæугæ аивадон кинонывтæ систа Дзбойты Бабле. Йе ‘рмдзæф ын никæимæ фæхæццæ кæндзынæ. Йæ хъайтартæ цы уавæры бахауынц, уыдоныл адæймаг æнæ фæхудгæ нæ фæуыдзæн. Цы бирæ артисттæ хъазыдысты йæ конд кинонывты Гуырдзыстон, Мæскуы, Дагестанæй, Мæхъхъæлæй, уæдæ Цæгат Ирыстоны артисттæ дæр, уыдон се ‘ппæт дæр арф фæд ныууагътой ирон кинойы аивады.
Ирыстоны культурон цардмæ цы æвæрæн бахаста Батырбег, уый абарæн ис аивады хъæздыгдæр бынтимæ. Йæ конд кинонывтæ алы фæлтæрæн дæр сты уарзон: «Жизнь, ставшая легендой», «Ах, любовь», «Чегери», «Мужское самолюбие», «Прощай, коза и велосипед» æмæ æндæртæ.
Бабле йæ курдиат æмæ аивадмæ бæрнон цæстæй кæй каст, уымæй йæ алыварс адæмæн хаста æгæрон удæнцойдзинад. Хæларзæрдæ, цæст-уарзон, æмгаруарзагæй баззад, чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты.
Мæнгæй нæ фæзæгъынц, адæймаг цæрдзæн, цалынмæ йæ хъуыды кæной, уæдмæ, зæгъгæ. Æнæхин, аивад æгæрон уарзтæй чи уарзта æмæ йын удуæлдай лæггад чи кодта, ахæм адæймагæй мысынц Дзбойты Батырбеджы. Хъыгагæн, цыбыр рауад йæ цард, фæлæ йæ фæстæ цы хъæздыг сфæлдыстадон бынтæ ныууагъта, уыдон бирæйы аргъ сты. Йе ‘рмдзæф стъалыйау æрттивы ирон культурæйы историйы. Ирыстоны кинематографы стъалыты бирæвæрсыг куыстытæ та хъуамæ æнæмæнг зоной æмæ сын аккаг аргъ кæной Ирыстоны фидæны фæлтæртæ.
КЪУДУХТЫ Маринæ