ОБЩЕСТВО

«КУЫ АМÆЛОН ИСКУЫ…»

ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ АДÆМОН ПОЭТ, ДРАМАТУРГ, ПУБЛИЦИСТ, ТÆЛМАЦГÆНÆГ, РЕСПУБЛИКÆЙЫ ГИМНЫ АВТОР, ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТАЙЫ ÆМÆ «НАРТЫ ФÆТКЪУЫ»-ЙЫ ПРЕМИТЫ ЛАУРЕАТ ХОДЫ КАМАЛЫ РАЙГУЫРДЫЛ СÆХХÆСТ 85 АЗЫ

 

Камал разагъды лæг у. Йæ бон у Ир æмæ æндæр адæмты ‘хсæн æрлæууын æмæ ныхас зæгъын. Зоны, кæм цы зæгъын хъæуы, уый дæр. Йæ бон у ирон фынгыл хистæр уæвын дæр æмæ «оммен» кæнын дæр, куы бахъæуа, уæд та зарын дæр. Уыдон æмткæй сты поэт æмæ лæджы æууæлтæ.

 

Джыккайты Шамил

 

Бынæн ирон литературæйы цы фæллæйттæ ныууагъта, уыдон стыр ахъаз сты ирон поэзи уарзджытæн. Чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты баззад бирæзонаг, фæлæ уыимæ хуымæтæг адæймагæй.

 

Ходы Камал райгуырд 1941 азы 26 январы Зæронд Бæтæхъойы хъæуы. 1970 азы каст фæцис М. Горькийы номыл литературон институт. Уый фæстæ зæрдиагæй куыста журнал «Мах дуг»-ы редакцийы критикæ æмæ публицистикæйы хайады сæргълæууæгæй, рауагъдад «Ир»-ы редакторæй, Цæгат Ирыстоны Министрты Советы цур Мыхуыр æмæ чингуыты базарады комитеты сæрдарæй, Цæгат Ирыстоны ирон театры сæргълæууæгæй. 1990 азæй уыд Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар, 2013 азы Ирыстоны фысджыты дыккаг съезды æвзæрст æрцыд Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдарæй.

 

Æнæмæлгæ у Ходы Камалы сфæлдыстад. 1962 азы Джыккайты Шамил æмæ Хуыгаты Сергеимæ цы иумæйаг æмбырдгонд ра­уагъ­той, «Бонвæрнон», зæгъгæ, уым дæр разындысты æвзонг сфæлдыстадон кусджыты фидæны поэтикон фæндæгтæ. Фæлæ  стыр поэт кæй уыд, иттæг хорз поэтикон уацмыстæ сфæлдисын йæ бон кæй уыдис, уый бæлвырд-бæрæгæй равдыста 1966 азы йæ фыццаг чиныг «Цæхх æмæ кæрдзын»-ы. Стæй йæ фыццаг чиныгæй рахызтысты, уый фæстæ цы чингуытæ рауагъта, уыдонмæ: «Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц» (1970), «Кар» (1974), «Ном» (1979), «Æрттигъ» (Хъодзаты Æхсар æмæ Малиты Васоимæ иумæйаг æмбырдгонд, 1983), «Мыртæ» (1992), уырыссаг æвзагыл «Белые искры» («Современник», 1976), «Своим чередом» («Советский писатель», 1989). Йе сфæлдыстад уæлдай ирддæрæй разынд йæ «Уацмыстæ»-йы дыууæтомоны, стæй «КАМАЛ»-ы.

 

Ацы æвæджиауы уацмыстæй бирæ фæхъæздыгдæр ирон æвзаджы къæбиц, æмæ аккаг бынат бацахстой литературæйы историйы.

 

Стыр хæсты райдайæн азы гуырд Камал йæхи дæр рæстмæ нæма базыдта, афтæмæй баззад зæрдæ хъæдгомæй – тохы быдыры фæмард йæ фыд, æмæ ма рæзинаг сабийыл уæззау царды цæвæнты уæлдай сидзæры ном дæр сбадт.

 

Фæлæ, дам, зынтæн дæр лæг хъæуы. Нæ фæтасыд сидзæр лæппуйы уды хъæд зын æвзарæн дунейы, æмæ дзы суанг уæдæй фæстæмæ агуырдта æмæ арæзта йæхи сæрмагонд дуне, поэты дуне.

 

Ходы Камалæн 80 азмæ бантыст бирæ. Ирон адæмы размæ æрхаста, æнæхъæн æнусы æрдæгæй фылдæр, бирæ азты дæргъы удуæлдайæ цы бакуыста ирон дзырдаивады зиуы, уыцы фæллой. Йæ фыццаг уацмыстимæ чиныгкæсджытæ куы базонгæ сты, ууыл рацыд 60 азæй фылдæр. 1962 азы æрыгон авторты æмбырдгонд «Утренняя звезда»-йы мыхуыргонд æрцыдысты йе ‘мдзæвгæтæ, æмæ сыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой.

 

Камалы сфæлдыстадон архайды ахсджиаг бынат ахсы аивадон тæлмац. Уый руаджы ирон æвзагыл райхъуыстысты Расин, Боккаччо, Гейне, Лопе де Вега, Шиллер, Пушкин, Островскийы уацмыстæ, Шекспир æмæ Петраркæйы сонеттæ. Ирыстоны культурæ æмæ литературæмæ цы стыр хуынтæ бахаста, уыдон рох не сты адæмæй.

 

Йе сфæлдыстадон уæрæх фæндагыл æгæронæй фæлæггад кодта, стыр хæрзты бацыд ирон аив дзырдæн. Литературон дунемæ куы ‘рбакъахдзæф кодта, уыцы бонæй парахат кодта ирон поэзийы кадджын традицитæ æмæ афтæмæй йæхицæн скодта зындгонд поэты ном.

 

«Стыр лæг та йæ адæмæн ныфс вæййы, адæмы удварны рæсугъддæр хуызтæм æндæр адæмтæ се стыр лæгты фæрцы æркæсынц, уыдон сисынц бæрзонд сæ раттæг адæмы кад æмæ намысы тырыса. Сисынц æй æмæ æгас дунейæн фенын кæнынц сæ нацийы цæсгом, уыдон ныхъхъæр кæнынц барджынæй дунейы адæмтæм, æркæсут—ма нæм, мах дæр дзыхъхъылæуд не стæм, зæгъгæ.

 

Дзырд дæр ыл нæй, стыр лæгтæй хъæздыг Ирыстоны фæрнджындæр æмæ стырдæр лæгтæй иу Камал у», – афтæ фыссы Гæбæраты Юри йе ‘рмæг «Лæджы фарн сæрыстырæй кæм цæры, уыцы дуне», зæгъгæ, уым.

 

Бирæ фысджытæ ныффыстой Ходы Камалыл сæрмагонд монографитæ, æмæ сæ алкæцыйы дæр лæмбынæг ныхас цæуы йæ фыццаг сфæлдыстадон къахдзæфтыл дæр, æмæ, стыр лæджы ранмæ цæугæйæ, йæ цард, йæ куыстхъомдзинад æвдисæг цаутыл дæр. Кæмыты куыстам, кæимæ æмæ куыд, уый кæддæриддæр фæахсы ахсджиаг бынат нæ биографийы. Уымæн æмæ адæймаджы уды хъæд бонæй-бонмæ рæзы йæ алфамбылай дунейы рæзты иугæндзон мидзмæлдимæ. Куы нæ фенай, куы нæ бавзарай, уæд нæ базондзынæ царды ад дæр æмæ адæмы ‘хсæн лæджы цардæй рацæрын дæр. Йæ кадджын ном Камалæн хъуыст у канд Ирыстоны нæ, фæлæ Кавказ æмæ Уæрæсейы дæр. Йæ лæггад национ литературæйæн у æгæрон.

 

«Диссаджы лæг у Камал: чердыгæйфæнды йæ бахой, уæддæр дæм дзы лæджы хъæр райхъуысдзæн!» – загъта дзы кæддæр нæ цытджын хистæр Цыбырты Людвиг.

 

«Камалæй та лæджы хъæр рагæй хъуысы йæ нуарджын поэзи æмæ йæ курдиатджын удæй, йæ куырыхон ныхас æмæ йе ‘мбæстагон бæрзонд уды хъæды фарнæй. Ирон аив дзырд сæрыстыр цы курдиæттæй у, уыдоны ‘хсæн Камал сæ тæккæ нымаинагдæртæй у, йе сфæлдыстады бархъомыс æмæ курдиаты цæхæрæй зæрдæрухс у нæ литературæ. Йæ лæджыхъæд æмæ адæймагон позицийæ сæрыстыр сты ирон адæм æмæ Ирыстон, уымæн цæрынц кæрæдзийы цæрайæ», – фыссы йæ уацы дарддæр Гæбæрайы-фырт.

 

Дзырдæй-дзырдмæ, къахдзæфæй-къахдзæфмæ лæмбынæг нæ цæст куы дарæм Камалы мидисджын цардвæндагмæ, уæд дзы фендзыстæм хъæздыг сфæлдыстадон дуне, æвæджиауы рæсугъд фæлгонц курдиатæй æмæ уды хъæды æнæлаз фарнæй.

 

Иу михыл кау ничи бийы, адæймаг цыфæнды гени куы уа, уæддæр йæ цард иунæгæй æгъуыз æмæ æнæмидис у. Камал цы адæмимæ куыста, кæуыл æмбæлыд, поэзийы уаргъ кæимæ хаста, уыцы адæмимæ æнгом ахастыты фæрцы хуыздæр зынынц йæ курдиат æмæ йæ уды хъæды рæсугъд хуызтæ. Камал фидыдта адæмæй, адæм та фидауынц Камалы хуызæттæй…

 

Йæ царды скъола цæры абон дæр. Йæ рухс фæлгонц ис, чи йæ зыдта, уыдоны цæстыты раз. Йæ ном цæрдзæн йæ уацмысты æнусмæ…

 

КУЫ АМÆЛОН ИСКУЫ

 

Куы амæлон искуы –

Мæ судзгæ цæстытæ

Ыстъалыты хуызæн

Ирыстоны сæрмæ

Æрттивгæ кæсдзысты.

Мæ бæгъæввад къæхтæ,

Æхсæвæй уа, бонæй,

Дыууæ фæллад галау,

Нæ хæхтыл цæудзысты.

Мæ хъыджы цæссыгтæ,

Мæ цины цæссыгтæ

Æнæсысгæ къадайæ

Теркмæ кæлдзысты.

Мæ куыстахуыр цæнгты

Æндонвидар нуæрттæ,

Цъæх тулдзы уидæгтау,

Мæ зæххыл тыхсдзысты.

Уæлтæмæны арты,

Куы амæлон искуы,

Уæд дæр ма, æрвнæрдау,

Мæ дзыхыдзаг зардмæ

Æнусон ингæнтæй

Фыдæлтæ ыстдзысты.

 

1965 аз


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 20.01.2023 в 20:32

Поддержка иностранных инвесторов на законодательном уровне

11 января 2023 года вступило в силу постановление об утверждении критериев, которым должен соответствовать иностранный гражданин, осуществивший инвестиции в Российской Федерации, для выдачи вида на жительство в России без получения разрешения на временное проживание.

ОБЩЕСТВО 21.06.2025 в 00:29

Александру Пагаеву вручили медаль

В честь 80-летия Победы и приветственный адрес от мэра Владивостока

ОБЩЕСТВО 17.03.2023 в 19:33

Повысить рождаемость и снизить смертность

Вице-премьер Александр Реутов рассказал о состоянии республиканского здравоохранения

ОБЩЕСТВО 28.09.2024 в 09:25

В лучших тандемах рождаются лучшие интерьеры

Искусство дизайна интерьера – это совершенно особая форма самовыражения, способ перенести наши мечты и идеи в пространство вокруг нас.

ОБЩЕСТВО 15.10.2024 в 10:29

НÆЙ КÆРОН ДÆ БИРÆ СФÆЛДЫСТАДОН ИВЫЛÆНТÆН

Дзыллæтæ, хурыскастау, йæ фенынмæ кæмæн бæллыдысты, цардыл, фидæныл сæ чи æууæндын кодта, тыхст сахат йæ адæмæн ныфс æмæ хъаруйы мæсыг чи уыди, уыцы Къостайы райгуырдыл сæххæст 165 азы. Ирон адæмы ахсджиаг хъæбулæн йæ диссаджы зарджытæ, йæ зæрдæбын сагъæстæ айзæлдзысты зæххы къорийыл.

ОБЩЕСТВО 27.04.2022 в 20:15

Лариса Остаева. Повороты судьбы

Мы беседуем с Ларисой Остаевой (Алборовой) в старинном владикавказском особняке – Северо-Осетинской республиканской юношеской библиотеке им. Г. Газданова. Последние 11 лет она работает здесь библиотекарем. Но говорим мы не только о книгах – говорим о социальных потрясениях, политике, семье…

Все новости из категории: