Ирон адæмы хуызæн хæстæг, хион, æрвад ничи нымайы. Æрвадæлтæ иу туг, иу стæг сты. Цæмæй мыггæгтæ хæларæй цæрой, æмгуыст кæной, иумæйаг цæдистæ аразой æмæ сæ лыггæнинаг фарстатæ, сæ фидæны пълантæ иумæ скъуыддзаг кæной, ууыл бирæ кусы Аланты Ныхас дæр. Уыцы змæлды йæ равзæрдæй абоны онг кусынц хистæрты, фæсивæды, мыггæгты, сылгоймæгты, координацион, æддагон бастдзинæдты æмæ дины хъуыддæгты фæдыл ныхастæ æмæ советтæ. Сæ хайæдтæ сты алы районы дæр. Ныхасы активисттимæ мыггæгтæ архайынц æмвæндæй. Кæмæн йæ бон цæмæй у, уымæй йе ‘ххуысы хай хæссы иумæйаг куыстмæ.
Ирон адæймагæн йæ мыггаг йæ туг, йе стæг у, йæ фарн та æнустæм амайгæ мæсыг у, æмæ дзы иу дур дæр чи бавæра, уый арфæйаг хъуыддаг аразы. Мыггаджы иудзинад аразгæ у иу адæймагæй дæр. Куы дæ феной, зæрдиагæй архайыс, уæд æнæмæнг дæ фарсмæ исчи æрбалæудзæн. Ирон лæг фыццаджыдæр хъуамæ уарза йæ мыггаг æмæ архайа, цæмæй йæ ма фæхудинаг кæна. Мыггаг йæ хорз лæгтæй кадджын у, хорз мыггæгтæ та Ирыстоны бындур сты. Ирон уæвгæйæ йæ фыдыбæстæ, йæ истори, йе ‘взаг, йæ дин, йæ мыггаг чи нæ уарзы, уый ироныл нымайæн нæй. Ахæмæн нæй мард, дзуар, ивгъуыд, фидæн. Уæлдай арфæйагдæр у, уыцы уарзт Ирыстоны фарн æмæ фидæнимæ чи бæтты, ахæм адæймаг.
Ацы тæразæй баргæйæ, Ирыстоны мыггӕгты тыххӕй чиныг цӕттӕ кӕнынц мыхуыры цыппӕрӕм хатт рауадзынмӕ. Бахӕсдзысты йӕм 1,5 мин мыггаджы бæрц ӕрмӕг. Кусы йыл рауагъдад «Респект», фӕстаг хатт ӕй мыхуыры рауагътой 2019 азы.
Рауагъдады кусджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕмбырдгондыл куыст цӕуы цалдæр азы, ӕмӕ у стыр ахсджиаг хъуыддаг.
– Раздӕры ӕмбырдгæндты мыхуыргонд уыдысты бӕрӕггӕнӕнтӕ мингай бинонты тыххæй, фӕлӕ чиныг мыхуыры куы рацыд, уый фæстæ ма нæм бирæ ног ӕрмӕджытӕ, бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕмӕ уӕлӕмхасӕнтӕ æрбахастой адæм, æмæ нæ уымæ гæсгæ бафæндыд, цæмæй чиныг ноджы биноныгдæрæй рацæуа.
Сӕ мыггаджы тыххӕй информаци бафтауын кӕй фӕнды, уыцы бинонтӕн сӕ бон у рауагъдадмӕ комкоммӕ бацӕуын. Ныхас цӕуы, фыццаджыдӕр, мыггаджы цӕрӕн бынӕттӕ, нымӕц, йæ минӕвӕртты архайд историон цауты, мыггаджы кадджытӕ ӕмӕ демографион бӕрӕггӕнӕнты тыххӕй. Мыггӕгты иу хай базӕмӕ хаст ӕрцыд, фӕлӕ ма ис, раздӕр ӕрмӕг чи нӕ лӕвӕрдта, ахӕм бинонтӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ байгом кодтам уӕлӕмхасӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ – бирӕты фӕнды ахсджиаг зонӕнтӕ бафтауын. Ног информаци нӕм кӕд фӕзына, уӕд ӕй раздӕры ӕрмӕгимӕ абардзыстӕм. Кӕд ӕй мыггаджы совет растыл банымайа, уӕд ӕй чиныгмæ бахæсдзыстæм, – зæгъы рауагъдады сӕргълӕууӕг Елхъанты Ларисӕ.
Ныртӕккӕ рауагъдад ӕмбырд кӕны ирон мыггӕгты равзӕрды тыххӕй ӕрмӕджытӕ. Семӕ архайы Аланты Ныхасы Мыггӕгтимӕ куысты комитеты сӕрдар Ӕгкацаты Юри.
КЪУДУХТЫ Маринӕ