К Абаеву не подходите с обычным мерилом, он – особая личность…
Виктор Виноградов
Адæмы фарн бирæ у. Ирон адæм Хуыцауæй арфæгонд сты. ХIХ æнусы cын уыд Къоста, ХХ æнусы – Васо. Къоста йæ адæмæн сфæлдыста аивад, Васо та – зонад, наукæ. Васо у нæ лæугæ хох, нæ цæугæ мæсыг, нæ ныфс. Васо уыдис уæздан лæг. Цардис æмæ куыста адæмы фарнæн. Сыгъдæг – йæ цæсгом, бæрзонд – йæ намыс.
Абайты Васо йæ мæлæты размæ ирон адæмæн фæдзæхста: «Мæ кæстæртæм!
Мæ зæрдæ фæриссы, нæ мадæлон æвзаджы хъысмæтыл куы ахъуыды кæнын, уæд. Хъуамæ алчидæр æмбара: æвзаджы сæфт у адæмы фесæфт. Нæй æвзаг – нæй адæм. Фæдисы хъæр: не ʼвзаг бахъахъхъæнæм! Æппæты фыццаг – хæдзары мидæг, бинонты æхсæн. Алы хæдзары къулыл дæр хъуамæ фыст уа егъау дамгъæтæй: «Бæлас акæлы, йæ уидæгтæ йын куы стонай, уæд. Æвзаг амæлы, йæ уидæгтæ йын бинонты æхсæн куы сыскъуынай, уæд. Уымæ гæсгæ, ирон лæг, де ʼвзаг хъахъхъæн дæ бинонты æхсæн».
Абайты Васо райгуырд 1900 азы 15 декабры хохаг ирон хъæу Къобы (Арвыкомы фæндагыл), XIX æнусы кæронмæ ма дыууæ къуырийы куы баззад, уæд. Калачы классикон гимназ каст куы фæци, уæд æстдæсаздзыд лæппуйæ мадæлон æвзаджы ахуыргæнæгæй кусын райдыдта йæ райгуырæн хъæуы. Йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй иузæрдионæй, æнувыдæй тох кодта æрмæст иунæг номы сæрвæлтау – Петрограды университеты студенты ном райсыныл. Уыцы бæллиц йæ къухы бафтыди 1922 азы: бахауди этнологион-лингвистон хайады ирайнаг къордмæ. Дыууæ азы фæстæ фæзындысты йæ фыццаг иртасæн уацтæ.
1925 азы каст фæцис Ленинграды университеты æхсæнадон зонæдты факультет. Уый фæстæ – аспирантурæ. Афтæ райдыдта йæ зонадон фæндаг. Йæ куыстытæ сты цыппарсæдæйæ фылдæр. Фæлæ æппæтæй хъуыстгонддæр у йæ фондзтомон «Ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат». Ахæм дзырдуат уый размæ дунейы æвзæгтæй иуæн дæр нæма уыд. Автор, 190 æвзаджы æрмæгæй пайда кæнгæйæ, арæхстджынæй райхæлдта ирон æвзаджы бастдзинæдтæ æмæ дæргъвæтин фæндаг. Хицæн куыст бакодта Нарты кадджыты тексттыл. Йе ʼппæт куыстыты дæр æрмæгæн пайда кодта фольклор æмæ литературон уацмыстæй. Уыцы куыстытæй сæ нысаниуæгмæ гæсгæ уæлдай ахсджиаг, уæлдай ахадгæдæр сты «Ирон æвзаг æмæ фольклор», «Нарты эпос», «Ирон æвзаджы грамматикон очерк», «Уырыссаг-ирон дзырдуат», «Скифаг-европæйаг изоглоссӕтæ», «Ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат» (цыппар томæй).
Фæлæ уыцы дзырдуаты иуæй-иу дзырдты бæрнон анализ куы банымаиккам куыд сæрмагонд уацтæ, уæд фондз минæй дæр ахизид йæ куыстыты нымæц. Йæ чиныг «Ирон æвзаг æмæ фольклор»-ы ирдæй зыны ирон æвзаджы равзæрды æнгом бастдзинад адæмы равзæрдимæ, йæ рæзтимæ, йæ культурæимæ.
Йæ зонадон куыстытæ мыхуыр цыдысты дунейы дзæвгар бæстæты: Лундæйы, Ромы, Парижы, Будапешты, Берлины, Копенгагены, Лондоны æмæ æндæр рæтты.
Абайты Васо у ирахуырады бындурæвæрæг, хонынц æй æвзагзонынады нывгæнæг. Наукæйы йæ къухы бафтыд бирæ æнтыстытæ. Бирæвæрсыг сты йæ куыстытæ, абон дæр сты тынг ахъаз, тынг ахсджиаг æмæ цымыдисаг. Йæ бирæ иртасæн куыстытæ кæд алыхуызон сты, уæддæр сæ нысан иу у: арф баст сты ирайнаг ӕвзӕгты историимæ, тынгдæр та ирон æвзаг арфдæр æмæ хуыздæр сахуыр кæнынимæ. Йæ чиныг «Ирон æвзаг æмæ фольклор»-ы ирдæй зыны ирон æвзаджы равзæрды æнгом бастдзинад адæмы равзæрдимæ, йæ рæзтимæ, йæ культурæимæ.
Васо æрмæст нæ мадæлон æвзаг иртасыныл нæ куыста, фæлæ рагон ирайнаг – авестаг æмæ персайнаг æвзæгтæ иртасыныл дæр. Йæ бирæвæрсыг куыстытыл нæ цæст лæмбынæгæй куы ахæссæм, уæд нæ бон зæгъын у: йе сфӕлдыстад у æнæхъæн дуне.
Йæ наукон куыстыты æхсæн егъау бынат ахсынц Нарты кадджытæ æмæ скифты проблемон фарстатæ. Уый стыр æвæрæн бахаста скифты проблемæмæ, бирæ ахсджиаг наукон куыстытæ ныффыста ацы фарстатыл, фæбæлвырддæр кодта, скифтæ ирон адæмы рагфыдæлтæ кæй уыдысты, уый.
Мæнæ куыд фыссы Васойы тыххæй филологон наукæты кандидат Мамиты Изетæ: «Фидарæй зæгъæн ис, æмæ Абайты Васойы уацтæ æппæтæй дæр уæрст æрцыдысты цитатæтыл. Зæгъæм, афоризм ссис йæ зындгонд: «Народы с гордостью произносят имена людей, в которых с наибольшей полнотой и блеском раскрылся их национальный гений. Англичанин говорит: Шекспир. Шотландец говорит: Бернс. Немец говорит: Гете. Итальянец говорит: Данте. Русский говорит: Пушкин. Мы, осетины, говорим: Коста – и душа наша наполняется гордостью и трепетной любовью».
Кæнæ ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, Малиты Георгийы тыххæй цы хъарм ныхæстæ загъта, уыдон: «… ацы хæдæфсарм хуымæтæг хæххон лæппуйы – уæлыгæсы уды хъæды æмбæхстис удцырын поэт – романтик æмæ стыр сагъæсгæнæг».
Йæ хæрзиуджыты хыгъд – æгæрон. Ссис филологон зонæдты доктор (æнæ диссертаци бахъахъхъӕнгӕйӕ, «йæ куыстыты иумæйаг уæзмæ гæсгæ»), 1969 азы та – профессор. Абайты Васойæн радтой Хетæгкаты Къостайы номыл преми, 1981 азы та – Советон Цæдисы паддзахадон премийы лауреаты ном.
Уæдæ, царды дæргъвæтиндзинад азтæй нæ, фæлæ стыр хъуыддæгтæй баргæ кæй у, уыцы хъуыды алкæй зæрдыл дæр æрлæууы, Абайты Васойы цард æмæ зонадон сфæлдыстадимæ куы базонгæ вæййы, уæд. Куыд ахуыргонд, афтæ йæ ном æнустæм баззайдзæн наукон фæллæйтты, куыд адæймаг, афтæ та йæ мысдзысты, чи йæ зыдта, уыдон се ʼппæт дæр.
Ӕрмӕг бацæттæ кодта
КЪУДУХТЫ Маринæ