Оперæйы аивадмæ йæ ныфс чи бахаста æмæ ма дзы стыр, рæсугъд фæд чи ныууагъта, уыдонæй иу уыд Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Бæцæзаты Юрий. Уый райгуырд 1941 азы Заманхъулы. Бацыд Орджоникидзейы музыкалон скъоламæ, уый фæстæ та Саратовы паддзахадон консерваторимæ. Каст æй куы фæци, уæд æй райстой Саратовы оперæ æмæ балеты паддзахадон театры оперон труппæмæ.
Зæгъæн ис, æмæ ацы ран уæд райдыдта артисты сфæлдыстадон фæндаг. Бæцæзаты Юрий уыд ирон сценæйы ирддæр стъалытæй иу, нæ оперæйы æцæг сыгъзæрин хъæлæс, курдиатджын артист, бирæтæн уарзон баритон. Цы сурæт-иу рахаста адæмы рæгъмæ, уый-иу æнæмæнг рауад алывæрсыг, зæрдæмæ арф хъаргæ æмæ æнæферохгæнгæ.
Сценæйыл йæ алы сурæт дæр уыд зæрдæмæдзæугæ æмæ цӕхӕркалгӕ. Азты сæрты дæр дæнцæгæн хæссинаг сты йæ бирæ рольтæ: Скарпиа («Тоска»), Онегин («Евгений Онегин»), Томский («Пиковая дама»), Ренато («Бал-маскарад») æмæ æндæртæ. Уæлдайдæр та, Плиты Христофоры оперæйы цы Къостайы сурæт сарæзта, уый.
Адæм ма йæ бахъуыды кодтой Алекойы ролæй Сергей Рахманиновы оперæйы, Амыраны ролæй Гæбæраты Ильяйы оперæ «Оплан»-ы, Къостайы куы ахъазыд, уый фæстæ – Фигаро, Жермон, æмæ ма бирæ æндæртæй, чи сæ фæуыдзæн нымад. Бæцæзаты Юрий цы ирд партитæ азарыд, уыдон ранымайгæйæ йæ æнæмæнг схонæн ис адӕймаг-легендæ. Уæдæ йæ хæрзиуджыты номхыгъд дæр цыбыр нæу.
Уыд Ирыстоны Намысы майдан æмæ Адæмты хæлардзинады ордены хицау, Советон Цæдисы культурæйы министрады раззагдæр кусæг, Хетæгкаты Къостайы паддзахадон премийы лауреат. Фæлæ уыдонæй ахсджиагдæр та ма у, адæмæн æмæ йе ʼмкусджытæн уарзон кæй уыд, уый. Бæцæзаты Юрийы чи зыдта, уыдон æй иууылдæр хъуыды кæнынц хæрзæгъдау, рæстуд, фæллойуарзаг адæймаг æмæ куырыхон хистæрæй.
Юрий йæ цард æххæстæй снывонд кодта ирон национ музыкалон аивадæн. Фæндыд æй уыцы аивад стыр бæрзæндтæм сисын. Уарзта сценæ, музыкæ æмæ адæмы. Аивадуарзджытæ йæ æмбæрстой æмæ йын æрвыстой сæ зæрдæты хъарм æмæ æгæрон уарзондзинад. Йæ курдиат æмæ куыстхъомдзинадæн ын стыр аргъ кодтой иууылдæр.
Советон Цæдис, Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны зындгонд оперон зарæггæнæг Бæцæзаты Юрий йæ цардæй ахицæн 83-аздзыдæй. Рох никуы уыдзæн, уымæн æмæ æнустæм ирон культурæйы хæзнадоны йæ ном сыгъзæрин дамгъæтæй æрцыд фыст.
Йæ арф мидисджын æмæ аив хъæлæс та алкæддæр зæлдзæн адæмы зæрдæты.
Рухсаг у…